Бедойты Кристинæ — кафджыты къорд "Стъалытæ"-йы разамонæг
Бедойты Кристинæ — кафджыты къорд "Стъалытæ"-йы разамонæг. Ныр авд азы сывæллæтты йæ фæдыл хоны аивады бæрзæндтæм. Нæ сын æвгъау кæны йæ зонындзинæдтæ æмæ тыхтæ. Æвзонг кафджытæ æппынæдзух архайынц алыхуызон æркастыты, свæййынц раззагдæртæ. Æрыгон педагог йæ сæйраг нысаныл нымайы рæзгæ фæлтæры хъомылад. Сабиты разæнгард кæны хиуыл кусынмæ, у сын хорз дæнцæг. Репетицитæй иу бабæрæг кодта нæ уацхæссæг Саулаты Аланæ.