Хъуыссæты Замирæт рамбылдта Уæрæсейы ерысты æвзист майдан
Дзюдойыл ахуыр чи нæу, уыдон татамийыл тыхджын гуыппытӕ ӕмӕ къӕрццытӕй суанг тæрсгæ дæр фæкæнынц, фӕлӕ 19-аздзыд Хъуыссæты Замирӕт сæтты — ӕппындӕр нӕ риссы. Ис сӕрмагонд хауӕн техникӕ, ахуыр ӕй кӕнынц фыццаджыдӕр. Уымӕ гӕсгӕ ныхмæлæууæджы аппарыны зæлтæ сты куысты хуымӕтӕг хай. Беслæйнаг спорты мастер чысылӕй фӕстӕмӕ бӕллыд хъӕбысхӕстмæ ӕмӕ ӕндӕр спорты хуызтӕм кӕсгӕ дӕр нӕ кодта. Райдыдта та, 8-æм скъолайы залмӕ йӕ йе 'фсымӕр куы 'рбакодта, уымӕй. Абон Замирӕт уӕззау уӕзы ирд минӕвар. 78 килограммӕй фылдӕр категорийы æвдисы: Беслӕны рӕзынц дунеон ӕмвӕзады богӕлттӕ. Фӕлӕ спорты бæрзæндтæм фӕндаг ӕнӕ къуылымпыйӕ нӕ вӕййы. Æрæджы бӕстӕйы ерысты ӕрлӕууыд сызгъӕринӕй иу къахдзӕф ӕддӕдӕр, фембӕлд тыхджын ныхмæлæууæгимæ. Фæлæ йын ӕвзист йӕ удыхъӕд æрмæст хъæддыхдæр фæкодта. Хӕдзары дӕр ӕмӕ залы дӕр чызджы ӕнтыстытæм — цӕстдард. Йæ сӕйраг критиктӕ — йæ фыд ӕмӕ тренер Сарахъаты Станислав. Иумæ æрдзурынц алы рӕдыд ӕмӕ змӕлдыл дӕр. Разӕй — ноджыдæр иу ахсджиаг ерыстæ. Фæлæ кӕд цыфӕнды карз дисциплинӕйы тыххæй дæр чызгмæ спорт ныууадзыны фӕнд никуы фӕзынд: уӕлахизы фӕндон цыфӕнды фӕлладӕй дӕр тыхджындӕр у. Тренерæн ахсджиаг у канд майданты нымӕц нӕ, фӕлӕ ма, йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ залӕй рацӕуыны фӕстӕ цавӕр адӕм суыдзысты, уый дӕр. Йæ нысан у спортивон баллтæй арфдӕр: фæсивæды ахуыр кӕны, техникон элементтӕй царды бирӕ арӕхдӕр чи бахъæуы, уыцы рæстдзинад ӕмӕ фидардзинадыл. Фӕлӕ канд тренировкæтæ æмæ тырнындзинад фаг не сты — уавӕртӕ хъӕуы. 8-æм скъолайы залы сты — хъуыддагӕн чи ӕххуыс кӕны, уыдоны фӕрцы. Разӕй — Бетъырбухы ерыстæ майы, Европӕйы чемпионатмӕ ӕвзӕрæн къæпхæн. Бӕрнондзинад егъау у, фӕлӕ татамимӕ рацӕуыны размæ Замирæт æппындæр нæ фæтыхсы. Беслӕны залӕй, кӕддӕр татамимæ фыццаг нӕуӕндон къахдзӕфӕй кӕм ракодта, уырдыгӕй Хъуыссæты Замирӕт ныфсджынӕй цӕуы ӕппӕтадӕмон æмвæзадмæ. Майы турнир Санкт-Петербург суыдзӕн Европӕмӕ хуымæтæг æвзæрст нӕ, фӕлӕ фадат сбӕлвырд кӕнынӕн: сызгъӕрин у ӕрмӕст рӕстӕг ӕмӕ фӕллойы фарста.